Цхинвалы мэри æрнывыл кæндзæн ног цæрæн къамис иннæ къуырийы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 14 сен - Sputnik, Козаты Диана. Горæт Цхинвалы администрацийы дæлбар цæрæн къамисы ног сконд арæзт æрцæудзæн иннæ къуыри, фехъусын кодта парламенты столицæйы мэр Хуыгаты Ромео.
Раздæры къамис ссæрибар кодтой коллегийы уынаффæйы фæстæ августы кæроны. Мэры ныхæстæм гæсгæ, уыцы уынаффæ рахастой кворум сæм кæй нæ уыд, æмæ уымæ гæсгæ сæ функцитæ ᾿ххæст кæнын сæ бон нæ уыд эффективонæй. Афтæ ма уый загъта, цæрæнуæтты дарддæры уæрсты процесс кæй цæудзæн ног азы онг.
Парламентæй къамисы уæнг Медойты Дзамболат уый размæ банысан кодта, къамисæн кæй бантыст æркæсын цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынмæ æнхъæлмæкæсæг æхсæз сæдæ рады лæуджыты хъуыддæгтæм.