ЦХИНВАЛ, 14 сен – Sputnik. Цæрæнбойнон ахæстмæ стæрхон кодта Уæрæсейы Хуссайраг зылды æфсæддон тæрхондон киллерты бандæйы сæргълæууæг Гæджиты Асланыл, хъусын кæны РИА Новости.
"Фыдракæндтæ иууылдæр хайгай æртымбыл кæнгæйæ, снысан кæнын Гæджиты Асланæн æфхæрд – цæрæнбойнон ахæст", - рахаста уынаффæ тæрхоны лæг.
Гæджиты Аслан уыд æхсæнадон агуырды 2014 азы февралы мæйæ, 2015 азы йæ æрцахстой Венæйы, æмæ экстрадицигонд æрцыд Уæрæсемæ 2018 азы. Фæстæдæр Уæлдæр Тæрхондоны скъуыддзагмæ гæсгæ, хъуыддаг радтой Ростовы Æфсæддон тæрхондонмæ.