Гаглойты Алан: æгæрон хъæдтæ – Хуссар Ирыстоны сæйраг хъæздыгад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik.Хъæууон хæдзарад æмæ йемæ баст фадгуытæ сæ нысан у скъуыдздзæг кæнын бирæ ахсджиаг цардуагон фарстатæ, загъта йæ арфæйы ныхасы хъæууон хæдзарады кусджытæн паддзахады сæргълæууæг Гаглойты Алан.
"Æгæрон хъæдтæ – Республикæ Хуссар Ирыстоны сæйраг хъæздыгад, хорз экологи æмæ экономикон стабилондзинады бындур. Архæхстгай æмæ рационалонæй пайда кæнын ацы национ хæзнайæ – нæ паддзахады алы цæрæджы хæс дæр у", дзырдæуы президенты сайтыл мыхуыргонд арфæйы ныхасы.
Паддзахады сæргълæууæг зæрдыл бадарын кодта, ног бæлæстæ садзын æмч хъæд æнæзакъонæй ракæнынæй æмæ æнæрациоанлонæй пада кæнынæй бахъахъхъæнынимæ баст у æрмæст ныр чи цæры уыцы адæмимæ нæ, фæлæ фидæны фæлтæры дзæбæхдзинадимæ.