Хуссар Иры хицауад райста хыгъдлæвæрд бюджет сæххæст кæныны фæдыл æрдæг азмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны паддзахадон бюджеты æххæсткæнынад 2023 азы фыццаг хайы рацыд цыппар миллиард сомæй фылдæр, фехъусын кодта хицауады рабадтыл финансты министр Цæрикъаты Хъазбег.
Бюджет сæххæст кæныны фæдыл хыгъдлæвæрдмæ æркастысты хицауады рабадтыл къуырисæры.
Финансты министр зæрдыл æрбалæууын кодта, ацы азы бюджет кæй райстæуыд фарон аз декабры, уый фæстæ дзы бахастой дыууæ ивындзинады.
Бюджеты æфтиагджын хай рацыд 8,8 миллиард сомы, хæрдзтæ та – 9,6 миллиард сомы, уый фæдыл дзы ис дефицит 817 милуан сомы бæрц.
"Ацы азы фыццаг хай бюджеты æххæсткæнынад рацыд 4,03 миллиард сомы, уыдонæй Уæрæсейы финансон æххуыс 2,9 миллиард сомы бæрц, Инвестпрограммæйы хæрдзтæ – 332 милуан сомы. Бюджеты хи æфтиаг рацыд 718 милуан сомы", - загъта Цæрикъаты Хъазбег.
Иууыл егъаудæр хъалон фидджытæ сты "Газпром – Хуссар Ирыстон", "Остелеком" æмæ БТК-4.
Хицауады рабадт