Хуссар Иры МХМ срегистраци кодта иу къуыримæ иу фыдракæнд æмæ æртæ ФТЦ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри æрцыд иу фыдракæнд æмæ æртæ фæндагон-транспортон цауы (ФТЦ), фехъусын кодта къуырисæры республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæ.
"Республикæйы территорийыл иу къуыримæ регистрацигонд æрцыд иу фыдракæнд. Алыхуызон æхсæнадон фæткхæлдты тыххæй милицийы кусджытæ æрцахстой цыппар адæймаджы", - радзырдтой министрады.
Уагдоны куыд банысан кодтой, афтæмæй æртæ аварийы бахъыгдард сты цыппар адæймаджы, уыдоны бакодтой рынчындонмæ, фæлæ сæ госпитализаци нæ бахъуыд.
Паддзахадон автоинспекцийы кусджытæ иу къуыримæ сбæрæг кодтой фæндагон змæлды 303 фæткхалды, 12 шофыры фæдыл сарæзтæуыд административон протоколтæ автотранспорт нозтджынæй скъæрыны тыххæй, банысан кодтой МХМ.