Хуссар Иры барадхъахъхъæнджытæ æххæст кæндзысты æдасдзинад Республикæйы бæрæгбоны рæстæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 сен - Sputnik. Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) 500-æй фылдæр кусæджы æххæст кæндзысты æхсæнадон фæткы æдасдзинады Республикæ Хуссар Ирыстоны сæвзæрды афæдзыбоны бæрæгбонон мадзæлтты рæстæджы.
МХМ пресс-службæйы куыд фехъусын кодтой, афтæмæй 18 сентябрæй сæрмагонд барамынды онг мидхъуыддæгты органты кусджыты ракодтой службæйы фæтыхджындæргонд режиммæ.
"Милицийы уæлæмхасæн посттæ æмæ къордтæ лæудзысты мадзæлттæ уадзыны бынæтты, кæцытæ развæлгъау басгардзысты МСНК сапертæ сæрмагонд техникон фæрæзтæй", - дзырдæуы хъусинаджы.
Уæлдай хъусдард здæхт уыдзæн фæндагон змæлды æдасдзинадмæ, афтæ ма æхсæнадон фæткхæлдты рагфæдзæхстмæ.