Пецы фарс, зæрæхсиды хурау, ссырх. Хæбизджынты æхцон тæф фындзы хуынчъытæ хъыдзы кæны. Аг йæ зæрдæйы цин хæрдмæ абузы. Гогызы сгуытæ снæрстысты æмæ сæхи сдардтой аджы былтæй.
Нанион цъил фестади: куы арынгмæ уайы, куы арт барæвдз кæны, куы та агмæ ныккæсы. Иæ цæсгом æнæ уый фæлурс æмæ фæлладгъуыз вæййы, фæлæ ныр цырдызмæлд æмæ арты хъарммæ йæ хуыз скалдта. Цыма йын йæ азтæй дыууын аппæрсти, ахæм бакаст ын ис.
Бæрæгбоны ахаст ис Сауийæн дæр. Уый стыр фынджы фарсмæ бады æмæ газет фæлдæхтытæ кæны. Сауи агуры, йæ кой æмæ йæ колхозы кой кæм фæкæнынц, ахæм уацтæ. Слыг сæ кæны æмæ сæ сæрмагонд папкæйы æвæры. Иннæ хабæрттæ йæ уыйбæрц не ’ндавынц.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.