ЦХИНВАЛ, 25 сен - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта Леонид Пасечникæн Луганскы Адæмон Республикæйы сæргълæууæгæй та йæ ногæй равзæрстой.
Сабаты ЛАР Адæмон депутаттæ советы æмхъæлæсæй сæвзæрстой Пасечникы республикæйы сæргълæууæджы бынатмæ. Уыцы бон централон Луганскы колоннæты залы регионы къухдариуæггæнæг йæ куыст райдыдта.
"Ды республикæйы сæргъ слæууыдтæ зын рæстæджы, фæлæ зындзинæдтæм нæкæсгæйæ, дæуæн дæ боне ссис адæмы сиу кæнын Луганщинæйы райрæзты тыххæй", - дзырдзæуы арфæйы ныхасы.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта ЛАР адæмæн сабырдзинад æмæ хорздзинад, Пасечникæн та – фидар æнæниздзинад æмæ ног æнтыстытæ йæ республикæйæн лæггад кæныны хъуыддаджы.