Хъарацаты Аслан нæ рахызтис финалмæ Чжухайы турниры

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Цæгатирыстойнаг теннисист Хъарацаты Асланæн нæ бантыст китайаг Чжухайы турниры финалмæ рахизын.
Ерысты æрдæгфиналон матчы спортсмен фембылд японаг Есихито Нисиокейæн 4:6, 4:6 хыгъдæй. Фембæлд цыдис 1 сахат æмæ 59 минуты дæргъы.
Турниры финалы Нисиока фембæлд æрдæр уæрæсейаг Карен Хачановимæ. Турниры призон фонд у иу милуан доллармæ æввахс.