Цæгат Ирæн рахицæн кодтой 364 милуан сомы хъæууонхæдзарадон зæххыты мелиорацийæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 26 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстонæн 2023 азы рахицæн кодтой 364 милуан сомы, хъусын кæны республикæйы сæргълæууæг æмæ хицауады пресс-службæ.
Фæрæзтæ нысангонд сты зæххыты мелиорацийы мадзæлттæ ауадзынæн.
"Федералон финанскæнынады руаджы регионты ауадздзысты мелиоративон мадзæлттæ, сæ нымæцы донхæрæн системæйы арæзтад æмæ реконструкци, афтæ ма зæххытæ хъæд æмæ кæрдæгæй ссыгъдæг кæнын", - дзырдæуы хъусинаджы.
Нысангонд æрцыд, уый кæй ратдзæн фадат рауæрæх кæнын хъæууонхæдзарадон зæххыты фонд.