Хуссар Иры зынгфӕдисонтӕ аиуварс кодтой ӕртӕ зынгсирвӕзты иу изӕрмӕ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Хуссар Иры столицӕ ӕмӕ йӕ алфӕмблай Уӕлвӕткон уавӕрты министрады (УУМ) зынгфӕдисонтӕ ахуыссын кодтой ӕртӕ зынгсирвӕзты.
"Хуссар Ирыстоны УУМ тыхты фӕткдаруаты Центрмӕ дыццӕджы ӕхсӕвы бацыд фӕсидт Ереды хъӕуы къутӕртӕ ӕмӕ бӕлӕсты ссыгъды фӕдыл. Цауы бынатмӕ ӕвӕстиатӕй ацыдысты дыууӕ зынгфӕдисон къорды, уыдон уайтагъд ахуыссын кодтой арт", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Зынгсирвӕзттӕ ма ӕрцыдысты ТЭК-ы районы, ПАИ посты цур ӕмӕ микрорайон "Мӕскуыйаг"-ы.
Уагдоны банысан кодтой, зынгсирвӕзттӕ ӕвӕстиатӕй кӕй ахуыссын кодтой.