Хуссарирыстойнаг æфсæддонтæ ацыдысты Абхазмæ хæсты уæлахизы бæрæгбон банысан кæнынæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Мулдарты Зелимы номыл сæрмагонд нысаниуæджы батальоны æфсæддонтæ тырысайон æмæ парады къорды арæзты рацыдысты Абхазмæ, цæмæй райсой хайад 1992-1993 азты Фыдыбæстæйон хæсты абхазаг адæмы Уæлахизыл 30-æм афæдзыбон банысан кæнынæн, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
Рацыды размæ Хъахъхъæнынады министрады фæзуаты сæххæст кодтой цытджын ралæуд, арфæйы ныхасимæ рахызтис РХИ ÆТ генштабы сæргълæууæг Болататы Алан. Уый банысан кодта æфсæддонтæ кæй минæварад кæндзысты Хуссар Ирыстонæй æфсымæрон республикæйы бæрзонд æмвæзадыл, радзырдтой министрады.
Куыд фехъусын кодтой раздæр, Абхазы цытджын мадзæлтты райсдзæн хайад Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министрады делегаци Марат Павловы сæргълæудæй. Делегацийы ма хайад райсдзысты министры хæдивæг æмæ æфсæддон фæткдаруаты органты офицертæ.