Цæгат Иры дыууæ хатты фæфылдæр бирæфатерон цæрæнуаты арæзтад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Цæгат Ирыстоны ивгъуыд аз сарæзтой бирæфатерон цæрæнуаты 208 мин квадратон метры, хъусын кæны республикæйы арæзтад æмæ архитектурæйы министрады пресс-службæ.
"Хъæуы банысан кæнын, ацы период бирæфатерон цæрæнуаты арæзтад у 200 проценты ивгъуыд азы аналогион периодмæ абаргæйæ", - банысан кодта министрады сæргълæууæг Атарты Георгий.
Хисæрмагонд арæзтад хынцгæйæ республикæйы январæй – августмæ сарæзтой цæрæнуаты 365 мин квадратон метры.