Владимир Путин схорзӕхджын кодта хуссарирыстойнаг хӕстоны

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстонӕй рацӕугӕ хӕстон Тедеты Сослан Уӕрӕсейы президент Владимир Путины барамындӕй хорзӕхджын ӕрцыд дыккаг къӕпхӕны майдан "За храбрость"-ӕй. Ӕсфӕддон йӕхӕдӕг куыд загъта, афтӕмӕй уый йӕ фыццаг хорзӕх нӕу Сӕрмагонд ӕфсӕддон операцийы.
"Уымӕй размӕ ма мӕ рахицӕн кодтой "Жуковы" ӕмӕ "За боевые отличия"-йы майдантӕй. Ныр та Уӕрӕсейы президент Владимир Путины уынаффӕйы райстон майдан "За храбрость", - загъта Sputnik-ӕн Тедеты Сослан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕфсӕддон хъуыддагимӕ уый цард сбаста Хуссар Ирыстоны тыхон структурӕтӕм бацӕугӕйӕ. 2019 азӕй та ис Уӕрӕсейы ӕфсады сконды.
Путин схорзӕхджын кодта хуссарирыстойнаг хӕстоны