Хуссар Иры Бежанты Зелимы номыл футболон турниры сбæрæг ис уæлахиздзау

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 28 сен - Sputnik. Цхинвалы 1-æм горæттаг скъолайы футболон командæ ссис уæлахиздзау Бежанты Зелимы номыл V турниры мини-футболæй Дзауы, фехъусын кодта Хуссар Ирыстоны спорт æмæ фæсивæдон политикæйы фæдыл комитеты пресс-службæ.

"Финалон фембæлды ахъазыдысты 1-æм æмæ 12-æм скъолайы командæтæ. Хъазт рауад цымыдисон. Бындурон рæстæг æрлæууыд 3:3. Уæлахиздзау рабæрæг кæнынæн командæтæ сæххæст кодтой пенальтитæ. Æмæ ам æнтысджындæр уыдысты 1-æм скъолайы хъазджытæ æмæ ссисты сæйраг призы аккаг", - дзырдæуы уагдоны хъусинаджы.

12-æм скъолайы командæ бацахста дыккаг бынат, цытджын æртыккаг бынат та – 5-æм астæуккаг скъола.