Агурæн къорд ссардта Къуайсайы фесæфæг цæрæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Дзауы районы ссардтой удæгасæй Къуайсайы 52-аздзыд цæрæджы, кæцы фесæфт знон изæр.
"Нæлгоймаджы хъæды ссардта агурæн къорд", - банысан кодтой министрады.
Раздæр куыд хъусын кодтой, афтæмæй нæлгоймаг хуыцаубоны ацыд хъæдмæ гагадыргътæм, агурын æй райдыдтой йæ хиуæттæ милицимæ куы бадзырдтой, уый фæстæ. Агурыны хайад истой милицийы кусджытæ æмæ ирвæзынгæнджытæ.