"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 34 сæр

Sputnik
Зинæ колхозы иумиаг æмбырды цæхгæр æрæвæрдта фарст: "Цæмæн нæ хъæуы ацы фермæ?"
Адæм куыддæр фæджих сты, ома цы æдылы ныхæстæ кæны, фæлæ сын куы бамбарын кодта, зæгъгæ, сæ фермæйы урсаджы æфтиагæй, астæуккаг нымадæй, алы хæдзармæ афæдз фондз килограммы йеддæмæ цыхт нæ хауы, уæд колхозонтæ куыддæр фæдызæрдыг сты, хъуыдыты аныгъуылдысты. Æмбырды сæрдар Алан йæхæдæг дæр хорзау нал фæци æмæ, цæмæй хъуыддаг фæрæвдз кодтаид, адæмы дыгъуырццæгдзинад айсæфтаид, уый тыххæй афтæ:
— Цæй-ма, зондамонæн ныхæстæ ма кæн, сывæллæттæ не стæм, фæлæ дæ зæгъын цы фæнды, уый нын бамбарын кæ!
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.