Иу фыдракӕнд ӕмӕ иу авари: МХМ радзырдтой къуырийы оперативон уавӕры тыххӕй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны ивгъуыд къуыри регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд ӕмӕ иу авари, фехъусын кодта къуырисӕры республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
"Иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд. Алыхуызон ӕхсӕнадон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой аст адӕймаджы", - банысан кодтой уагдоны.
Министрады ма фехъусын кодтой, ивгъуыд къуыри ӕрцӕугӕ аварийы бахъыгдард иу адӕймаг, госпитализаци йӕ нӕ бахъуыд.
Уымӕй дарддӕр Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 300 фӕткхалды, 18 шофыры фӕдыл сарӕзтой административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй.
Къуайсайы агурынц бынӕттон цӕрӕджы, кӕцы ацыд хъӕдмӕ ӕмӕ фесӕфт