Къуаисайы цур хъæды ссардтой адæймаджы стæгдартæ – Хуссар Иры МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Адæймаджы стæгдартæ ссардæуыд Хуссар Ирыстоны Дзауы районы. Чи уыд уыцы гоймаг, уый рабæрæг кæндзысты экспертизæйы руаджы, фехъусын кодтой къуырисæры республикæйы МХМ.
Уагдоны банысан кодтой, буар кæй ссардта агуырдон къорд, кæцы ацыд Къуаисайы фесæфæг цæрæджы агурынмæ.

"Развæлгъау информацимæ гæсгæ, мæрдон буары хæйттæ сты Къуаисайы цæрæджы, кæцы лæууыд агуырды хыгъды куыд 2017 азæй æбæрæгæй сæфт", - банысан кодтой МХМ.

Уагдоны банысан кодтой, мæрдон буары хæйттæ рабæрæг кæныны тыххæй ауадздзысты æнæмæнгхъæуæг экспертизæтæ.