Къуайсайы агурынц бынӕттон цӕрӕджы, кӕцы ацыд хъӕдмӕ ӕмӕ фесӕфт

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 2 окт - Sputnik. Къуайсайы агурынц 52-аздзыд бынӕттон цӕрӕг Зассеты Чермены, кӕцы хуыцаубоны ацыд хъӕдмӕ гагадыргътӕ ӕмбырд кӕнынмӕ ӕмӕ нал ӕрбаздӕхт хӕдзармӕ, хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Агурӕн къорды сконды сты Къуайсайы мидхъуыддӕгты хайады ӕмӕ Дзауы районы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады кусджытӕ, нӕлгоймаджы агурын райдыдтой знон изӕр, банысан кодтой министрады.
Агурӕн къорд сгары хъӕды территори, фӕлӕ нӕлгоймаджы нырма не ссардтой, бафтыдтой уагдоны.