Цхинвалы фехстой æвзонг бынæттон цæрæджы – МХМ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны тыхон структурæтæ агурынц Цхинвалы цæрæджы амарыны зæрдæхсайгæйы, фехъусын кодтой республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-службæйы.
Цау æрцыд æртыццæджы бонæй Советон уынгыл, æбæрæг гоймаг фехста 29-аздзыд Цæголты Сергейы.
"Бынаты кусынц барадхъахъхъæнæг органтæ, бæрæг цæуынц цауы æууæлтæ", - загътой министрады.
Развæлгъау версимæ гæсгæ, амарыны аххосаг у цардуагон хъаугъа.