Юстицийы министрад ныммыхуыр кодта Хуссар Иры Бинонты кодексы проект

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 4 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны Юстицийы министрад ныммыхуыр кодта йæ официалон сайтыл республикæйы Бинонты Кодексы проект, цæмæй йемæ базонгæ уа æхсæнад.
Документы текстыл, кæцы арæзт у 8 хай, 22 сæргонды æмæ 175 сатьяйæ, нырма дзырд цæуы æмбæлон органты.
Уагдоны уый размæ банысан кодтой, Хуссар Ирыстоны Бинонты кодексы проекты нормæтæ æмхуызон кæй сты Уæрæсейы Бинонты кодексимæ, фæлæ дзы ис цалдæр хицæндзинады.