Хæххон фæндаг, сугласæн фæндаг. Зулаив цæуы хæрдмæ, тæссары. Дурджын æмæ дзыхъхъытæ у. Къæвдайы дæттæ йæ бахордтой.
Сæрмæт ыл дæлæмæ-уæлæмæ бирæ фæцыд. Уæлæмæ — афтидæй, дæлæмæ та цъыхырыйы къона, науæд та суг сыфцæй, бæндæнæй ласгæ. Кæд-иу зымæг уыд, уæд-иу суг йæхæдæг тындзыдта, бырыд хъæуырдæм.
Кæд-иу сау уыд, уæд та йын бæндæн йе уæхск лыг кодта. Цъыхырыйы къона сæрд дæрæмæзымæг дæр бынтон æдзæсгом уыдис: сæрд-иу йæ къалиутæ ныппæлæхсар кодта дуртыл, къæбыртыл сæ тыхта, зæххы сæ сагъта, æмæ, макæ зæгъ, хъæумæ цæуыныл разы нæ уыд. Зымæг дæр-иу йæ къалиутæ пæлæхсарæй хаста, миты сæ æмбæхста æмæ нæ куымдта хъæумæ. Фæлæ Сæрмæт дæр уыйбæрц æдых нæ уыд; канд цъыхырыйы къона нæ, фæлæ ма-иу сыджыт æмæ мит дæр ласта сугтимæ.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.