ЦХИНВАЛ, 5 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан раарфæ кодта республикæйы ахуыргæнджытæн сæ профессионалон бæрæгбоны цытæн, хъусын кæны паддзахады сæргълæууæджы пресс-службæ.
Гаглойты Алан банысан кодта, абоны бæрæгбон кæй у радон фадат зæгъын бузныджы ныхæстæ педагогтæн.
"Ахуыргæнæг зонындзинæдтæ æмæ фæлтæрддзинадæй дарддæр дæтты хъомылгæнджытæн йæ уды хай, сымах сын раргом кæнут сæ курдиат æмæ индивидуалон фадæттæ, бацæттæ сæ кæнут стыр царды фæндагмæ", - загъта президент.
Гаглойты Аланы зæрдæ загъта ахуыргæнджытæн фидар æнæниздзинад, æнтыстытæ куысты, афтæ ма курдиатджын ахуырдзаутæ.
Ахуыргæнæджы бон Хуссар Ирыстоны æмæ бæстæты фылдæр хайы æрвылаз нысан кæнынц 5 октябры.