Хуссар Иры столицæйы ахуырадон уагдæтты хъармгæнæн сезон райдайдзæн дыццæджы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Цхинвалы скъолатæ æмæ сабидæтты хъармгæнæн системæ баиу кæндзысты дыццæджы, хъусын кæны Хуссар Ирыстоны столицæйы администрацийы пресс-службæ.
Цхинвалы администрацийы ахуырады дæлхайады сæргълæууæг Биазырты Татьяна куыд банысан кодта, афтæмæй уазал боныгъæды тыххæй аскъуыддзаг кодтой баиу кæнын хъармгæнæн системæ столицæйы 19 сабидоны æмæ 9 скъолайы.
"Температурæ кæй æрхаудта, уый фæдыл 10 октябрæй столицæйы ахуырады дæлхайады æвджид сабидæттæ æмæ скъолаты райдайдзæн хъармгæнæн сезон", - загъта Биазырты Татьяна.
Йæ ныхæстæм гæсгæ, уагдæтты уагъд цæуы хъармгæнæн системæты басгæрст, уый фæстæ сæ райсомæй райдайдзысты иу кæнын.