ЦХИНВАЛ, 9 окт – Sputnik. Уæрæсейаг хæстонтæ "Днепр" æфсæдты къордæй скуынæг кодтой Украинæйы Гарзджын тыхты (УГТ) æнæпилотон тæхæг аппаратты фæткдаруаты пункт Херсоны цур, хъусын кæны РИА Новости.
"Ивгъуыд суткæйы Херсоны здæхтыл "Днепр" æфсæдты къорды дæлхайæдтæ скуынæг кодтой æнæпилотон тæхæг аппаратты фæткдаруаты пункт цæрæн пункт Садовоейы цур, афтæ ма куынæггонд æрцыдысты дыууæ украинæйаг æфсæддоны", - хъусын кæны агентад.
Афтæ ма Херсоны областы Антоновкайы хъæуы уæрæсейаг хæстонтæ скуынæг кодтой 120-миллиметрон минæтæхсæн æмæ хæдтулгæ.