Цхинвалы райдыдта Хуссар Иры фыццагад дзюдойæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 10 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны столицæйы ацыд æрыгæтты æхсæн дзюдойы фыццагады бæрæгбонон баконд, хъусын кæны фæсивæдон политикæ æмæ спорты фæдыл комитеты пресс-службæ.
"Ерыстæ уагъд цæуынц Республикон фестиваль "Традициты фæдонтæ – Аланиада"-йы фæлгæтты спортивон скъолайы Сталины уынгыл", - дзырдæуы хъусинаджы.
Комитеты куыд банысан кодтой, афтæмæй ерысты хайад исынц 8-13 азы кары спортсментæ.