ЦХИНВАЛ, 11 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Зæххы кодексыл куыст фæцис, æввахс мæйы закъоныпроект хаст æрцæудзæн РХИ парламент æмæ хицауады размæ. Уый тыххæй Sputnik радзырдта республикæйы юстицийы министр Гаглойты Олег.
Министры ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны сæрмагонд Зæххы кодекс саразын у ахсджиаг æмæ æнæмæнгхъæуæг.
"Хуссар Ирыстоны райрæзты рæстæджы дæргъы, 1990-æм азтæй райдайгæйæ республикæйæн нæ уыд зæххы фæдыл закъон. Кæд æмæ адæмон хæдзарады æндæр фадгуыты мах пайда кодтам уæрæсейаг закъонтæй, уæд зæххы фæдыл закъонтæ æмæ сæ пайдакæнынады махæн нæ бон нæу уыдонмæ гæсгæ архайын, уымæн æмæ уæрæсейаг закъон бындуриуæг кæны сæрмагонд бартыл зæххыл. Уый тыххæй махмæ уыцы закъонæй архæйæн нæй", - бамбарын кодта ныхасæмбал.
Гаглойты Олег бафтыдта Хуссар Ирыстоны Зæххы кодексы сæйраг хицæндзинад уæрæсейаг аналогæй уыдзæн сæрмагонд бартæ кæй нæ уыдзæн зæххыл.