"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 41 сæр

Sputnik
Дудармæ куыд зыны, афтæмæй фæстаг рæстæджы ахæстоны ничиуал уыди æмæ æдзæрæг, æгъицауы хуыз дары. Куыстахуыр къухтæ иуран нæ лæууынц. Кæрты цы иунæг бæрз бæлас ис, уый бын фæбады. Куы сфæлмæцы, уæд та мидæмæ бацæуы æмæ йæ сынтæгыл йæхи æруадзы.
Бæрзуисойæ кæрт дзæбæх ныссæрфта. Цы ма арæзтаид, уый нал зыдта æмæ мæнгагъуысты ауыдта фæрæт, суджы лыггаджы сагъдæй. Йæ фарсмæ ма уыди дыууæ хъæды, Дудар сарæзта дыууæ цурчы, ныффæстытæ кодта хъæдтæ, уый фæстæ райдыдта сугтæ сæттын. Фæрæт къуымых кæй уыд, уый ма йын æхсызгон дæр уыди, уымæн æмæ йын ахæм фæрæтимæ архайын фылдæр рæстæг хардз кодта. Цы сугтæ ныссаста, уыдон аив самадта къулгæрон.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.