ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik. Цхинвалы районы мидхъуыддæгты хайады æнахъомты хъуыддæгты фæдыл фæткдаруаты кусджытæ районон прокуратурæ, æнахъомты фæдыл къамис æмæ фæсивæд æмæ спорты хъуыддæгты фæдыл хайады минæвæрттимæ ауагътой профилактикон ныхас Дменисы астæуккаг скъолайы ахуырдзаутимæ.
Æнахъомты хъуыддæгты фæдыл хайады хистæр Тедеты Лина æмæ хистæр инспектор Хъуылымбегты Лана зæрдыл æрлæууын кодтой скъоладзаутæн административон æмæ уголовон законады нормæтæ, афтæ ма бæрндзинады тыххæй, кæцы сæм æнхъæлмæ кæсы фæ фæткхæлдты тыххæй.
Афтæ ма уыдон радзырдтой зианхæссæг архайды тыххæй, цæвиттонæн уыдон æрхастой электронон тамакотæ дымын.
Ныхасы ноджы иу темæ уыд сывæллæтты æдасдзинад фæндæгтыл. Сывæллæттæн радзырдтой, æнахъомæн бар кæй нæй скъæрын транспортон фæрæз æнæ бæлвырдгæнæн документæй.
"Хæдтулгæ æнахъоммæ раттыны тыххæй ис административон бæрндзинад æнахъом æмæ сæ ныййарджытæн. Уыимæ иумæ райсдзысты автотранспорт дæр", - банысан кодтой инспектортæ.