Æртæ адæймаджы амардысты Белгороды æнæпилотон тæхæг аппараты æрхауыны фæстиуæгæн

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 12 окт - Sputnik. Белгороды районы æртыццæджы æхсæвы æнæпилотон тæхæг аппараты æрхауыны фæстиуæгæн хисæрмагонд хæдзæрттыл амардысты æртæ адæймаджы, уыдонæй иу уыд сывæллон, фехъусын кодта йæ телеграм-каналы областы губернатор Вячеслв Гладков.
"Æхсæвы æнæпилотон тæхæг аппараты æрхауыны фæстиуæгæн Белгороды кæрон пырхгонд æрцыдысты дыууæ цæрæн хæдзары æмæ бахъыгдард сты ноджы цалдæр хæдзары æмæ хæдтулгæйы. Срæмыгъды фæстиуæгæн амардысты æртæ адæймаджы, уыдонæй иу уыд сывæллон. Ноджы дыууæ адæймаджы сты уæззау уавæры реанимацийы. Дохтыртæ алцыдæр аразынц, цæмæй сæ фервæзын кæной", - ныффыста областы губернатор.
Губернатор тæфæрфæс ракождта фæмардуæвджыты хиуæттæн, афтæ ма бафтыдта, зæгъгæ, æввахс бонтæм нывæстгонд мадзæлттæ аргъæвтой.