ЦХИНВАЛ, 12 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан балæвар кодта музыкалон ифтонгад æмæ ноутбук культурæйы Хæдзарæн Знауыры районы. Паддзахады сæргълæууæг цыппæрæмы бабæрæг кодта район, цæмæй фембæла цæрджытимæ.
"Сымахæн æнæмæнгхъæугæ музыкалон аппаратурæ балхæныны фæдыл æз дзырд радтон мæ ивгъуыд балцы рæстæджы. Сымах хъомыл кæнут курдиатджын сывæллæтты, æмæ мах хæсджын стæм саразын уын алы уавæртæ дæр", - загъта Гаглойты Алан.
Президентæн ма радзырдтой хъармгæнæн системæйы проблемæйы тыххæй дæр. Дизелон æртаджы хъуагдзинады тыххæй культурæйы Хæдзары нæ кусы хъармгæнæн системæ.
"Баххуыс уын кæндзыстæм, фæлæ бензин æмæ дизелон æртагимæ проблемæтæ фæзыны Уæрæсейы дæр, кæцæй йæ мах ласæм. Уый фæдыл махæн дæр вæййы зындзинæдтæ Инвестпрограммæ æххæст кæныны рæстæджы", - банысан кодта президент.
Директор Кокойты Светланайы ныхæстæм гæсгæ, культурæйы Хæдзары ис кадрон проблемæтæ дæр, кæцыдæр кусджытæ æрцæуынц Цхинвалæй.