Хуссар Иры ӕрныхас кодтой спорты проблемӕтыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕсивӕдон политикӕ ӕмӕ спорты фӕдыл комитеты сӕрдар Хуыбежты Руслан ӕмӕ йӕ хӕдивӕг Гасситы Сослан ӕрдзырдтой спорты актуалон проблемӕтыл Къуаиса, Дменис, Дзау, Сывӕллӕтты-ӕрыгӕтты спортивон скъола ӕмӕ боксы Федерацийы тренертӕ ӕмӕ минӕвӕрттимӕ, хъусын кӕны комитеты пресс-службӕ.
"Рабадтыл дзырд цыд проблемӕтыл, кӕцытӕ баст сты тренировкӕтӕн спортивон бӕстыхӕйттимӕ, афтӕ ма зындзинӕдтимӕ, кӕцытӕ фӕзынынц спортсментӕн уӕрӕсейаг паспортты ӕнӕуӕвындзинад ӕмӕ ерыстӕм балцыты финанскӕнынадимӕ", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Комитеты бафтыдтой, зӕгъгӕ, проблемон фарстытӕ скъуыддзаг цӕудзысты иумӕйаг тыхтӕй.
Хуссарирыстойнаг спортсмен хайад райсдзæн æппæтуæрæсейаг ерысты боксæй "Юность России"