ЦХИНВАЛ, 13 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны миграцийы фарстыты фæдыл дæлхайады кусджытæ рейдон мадзæлтты рæстæджы сбæрæг кодтой миграцион законады дыууæ фехæлды, хъусын кæны республикæйы Мидхъуыддæгты министрады (МХМ) пресс-сулжбæ.
"Инспектортæ басгæрстой мигрантты Хуссар Ирыстоны территорийыл законон уæвынад æмæ фæллойадон архайды фæдыл документтæ. Рейдты рæстæджы басгæрстой 83 фæсарæйнаг æмбæстаджы, уый фæстиуæгæн сбæлвырд кодтой миграцион законады дыууæ фехæлды", - банысан кодтой уагдоны.
МХМ бафтыдтой, зæгъгæ, тæрхондон рахаста фæткхалджытæн административон ивар.