"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 42 сæр

Sputnik
Чизоны, Залиханы мæлæт дæр йæхимæ уыйбæрц адæмы не ᾿ркæсын кодтаид, Томайы ныхас дзы куыннæ фæхæццæ уыдаид, Дудары здыхт лæдзæг марды чырыны сæрмæ куы нæ фæзындаид æмæ Сауи рынчындоны куы нæ смидæг уыдаид, уæд.
Фæлæ, Тома куыд фæдзуры, уыйау, цард вазыгджын у. Лæг нæ зоны, кæцæй йæм цы фыдбылыз кæсы, уый.
Иутæ дзырдтой, зæгъгæ, Тома рынчын у æмæ йыл уый аххосæй æрцыд рæдыд, науæд Сауимæ ахæм азым цæмæн æрхаста? Иннæтæ бæлвырд кодтой æмæ æфхæрдтой Дудары, зæгъгæ, уый алкæддæр схъиуд лæг у. Куы федта, Сауи йын йæ хæлары æфхæры, уæд йæхи нал баурæдта æмæ... Æртыккæгтæ дзырдтой, зæгъгæ, ам цыдæр сусæгдзинад ис æмæ йæ рабæрæг хъæуы.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.