ЦХИНВАЛ, 16 окт - Sputnik. Гуырдзыстоны Конституцион тæрхондон аскъуыддзаг кодта президент Саломе Зурабишвили закъон кæй фехæлдта фæсарæнтæм цæуынæй, хицауады тобæмæ æнæбакæсгæйæ, æмæ уымæ гæсгæ бар радта президенты ныхмæ импичменты процедурæ райдайын, хъусын кæны РИА Новости.
"Тæрхондон аскъуыддзаг кодта ахæм архайд кæй у конституцийы фæткхæл", - радзырдта конституцион тæрхондоны сæрдар Мераб Турава.
Тæрхондоны скъуыддзаг хъуамæ æрфидар кæной депутатты 100 хъæлæсы. Парламенты фылдæрæн 150 хъæлæсæй ис 84. Парламент тæрхондоны скъуыддзаг куы æрфидар кæной, уæд президенты рахицæн кæндзысты йæ бынатæй импичменты æгъдауæй.