ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауад арвыста Гуырдзыстонмæ æмбæстаг Арчил Басанидзейы, кæцыйы майы мæйы æрцахстой паддзахадон арæны режим фехалыны тыххæй. Уый тыххæй хъусын кæны республикæйы Паддзахадон æдасдзинады комитеты (ПÆК) пресс-службæ.
Банысангонд æрцыд, Хуссар Ирыстоны арæнгæрон хъахъхъæнджыты службæ æрурæдта Гуырдзыстоны Гуры муниципалитеты Мегурекъисы хъæуы 46-аздзыд цæрæджы 15 майы Цхинвалы районы Присы хъæуы цур.
"Цхинвалы районы тæрхондоны уынаффæйæ 2023 азы 26 июлы, Басанидзе аххосджын æрцыд УФ УК 332 уацы 1 хай "Æнæзакъонæй паддзахадон арæн ахизын"-ы фехалыны хъуыддаджы, æфхæрыны мадзал нысангонд æрцыд æхсæз мæйы ахæсты иумæйаг режимы рæстмæгæнæн колонийы", - дзырдæуы хъусинаджы.
Хуыцаубоны, 15 октябры, æфхæрыны æмгъуыды фæудимæ, фæткхалæджы арвыстой фидаргонд æгъдаумæ гæсгæ гуырдзиаг фарсмæ.