Уӕрӕсейы бавдыстой ног банкнотӕтӕ 1000 ӕмӕ 5000 сомы

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 16 окт – Sputnik. Уӕрӕсейы банк къуырисӕры бавдыста ног банкнотӕтӕ: иу мин ӕмӕ фондз мин сомы фӕивтой тематикон ӕгъдауӕй, фӕлӕ сӕ хуыз баззад афтӕмӕй, уыдон бавдысмта Централон банчы сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг Сергей Белов.
"Абон мах бавдыстам дыууӕ банкнотӕйы – уыдон сты ног 1000 ӕмӕ 5000 сомы", - загъта уый.
Белов куыд банысан кодта, афтӕмӕй банкнотӕтӕн баззайдзӕн сӕ хуызы палитрӕ.