ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik. Владимир Зеленскийы æрсидт Гуырдзыстонмæ йæ территориалон æнæхъæндзинад æрфидар кæнын, сты Киевы режимы агонийы ирд бæрæггæнæнтæ, загъта Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан.
Раздæр йæ раныхасы Иумæйаг экспедицион тыхты саммиты Швецийы, Зеленский æрсидт Гуырдзыстонмæ "йе сæфт территоритæ раздахын". Йæ ныхæстæм гæсгæ, уыцы хъуыддаг ратдзæн потенциал иумæйаг æдасдзинадæн "Европæйы мах хайы".
"Зеленскийы раныхас у Киевы режимы агонийы ирд нысан. Фронты иу басаст иннæ басасты фæстæ цæуы æмæ мæсты кæнынц, сæ авантюрæйы æнæхъæн дуне хæццæ кæнгæйæ", - банысан кодта Гаглойты Алан.
Президент бахахх кодта, украинæйаг фашизмы идеологи кæй у бындурон аххоссаг, ныр ирæттæй мингæйттæ кæй тох кæнынц сæрмагонд æфсæддон операцийы зонæйы.
Украинæ иу æмæ дыууæ хатты нæ сидт Гуырдзыстонмæ, цæмæй бакæной "дыккаг фронт" Уæрæсейы ныхмæ æмæ æрыздæхой территориалон фарстыты тыхон скъуыддзагмæ. Гуырдзыстоны премьер-министр Иракли Гарибашвили радзырдта, паддзахадæн йæ нывæсты кæй нæй "дыккаг фронт" Уæрæсейы ныхмæ кæнын Украинæйы алыварс ситуацийы тыххæй. Уый банысан кодта, Гуырдзыстон кæй хъуамæ бахъахъхъæна сабырдзинад, стабилондзинад æмæ райрæзтæн фæндаг радта.