Хуссар Иры МХМ сæрмагонд сконды ракодтой зымæгон формæмæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 17 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны мидхъуыддæгты министрады (МХМ) сæрмагонд сконды ракодтой дзаумæтты зымæгон хуызмæ, хъусын кæны республикæйы МХМ пресс-службæ.
Уымæ гæсгæ æддæгуагдонон хъахъхъæнынады фæткдаруаты ауагътой ралæудон фæлгаст.

"Дæлхайадты къухдариуæггæнджытæ басгæрстой формæйон пысул дарыны кусджыты фæтк, æддаг хуыз, ралæудон æгъдау, службæйон бæлвырдгæнæнты уæвындзинад. МХМ сæрмагонд сконд рахызт пысулты зымæгон формæ дарынмæ мидхъуыддæгты органты формæйон пысул, сгуыхты нысан æмæ уагдонон нысæнттæ дарыны фæтктæм гæсгæ", - банысан кодтой уагдоны.

Министрады пресс-службæ бафтыдта, ралæудон фæлгасттæ кæй ацæудзысты милицийы æппæт дæлхайадты.