Хуссар Иры пауэрлифтертæ сæвæрдтой аст рекорды евразиаг ерысты

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт – Sputnik, Плиты Фатимæ. Хуссар Ирыстоны спортсментæ сæвæрдтой цыппар дунейон æмæ цыппар европæйаг рекорды евразиаг ерысты пауэрлифтингæй, фехъусын кодта пауэрлифтингы федерации президент Ӕлборты Леван.
"Ерысты æз æмæ мæ хъомылгæнинæгтæ сæвæрдтой цыппар дунейон æмæ европæйаг рекорды", - загъта уый.
Ӕлборты Леван ма бафиппайдта, Хуссар Ирыстоны командæ ерысты кæй бацахста æртыккаг призон бынат.
"Финансон проблемæты аххосæй командæ æххæст скондæй нæ ацыд, фараст спортсменæй ацыд æрмæст цыппар. Зын уыд цалдæр дисциплинæйы архайын, фæлæ хорз хатдзæгтимæ 'рцыдыстæм - 40 командæйы 'хсæн мах уыдыстæм æртыккаг, бæстæты хсæн та фыццаг", - бахахх кодта уый.
Ерыстæ цыдысты 15 октябры.