Путин: Уæрæсе æмæ Китайы æхсæн базайрæгты æрзылд иу азмæ схиздзæн 200 миллиард долларæй

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 18 окт - Sputnik. Уæрæсе æмæ Китайы æхсæн базайрæгты æрзылд къæлиндарон азмæ схиздзæн 200 миллирд долларæй, фехъусын кодта УФ президент Владимир Путин уæрæсейаг-китайаг баныхасы рæстæджы æртыццæджы, хъусын кæны РИА Новости.
"Ды ацы тæккæ загътай хæслæвæрды тыххæй схизын базайрæгты æрзылды 200 миллирдмæ ацы аз. Нæ анализмæ гæсгæ, къæлиндарон азмæ ацы суммæйæ фылдæр уыдзысты бæрæггæнæнтæ", - загъта Путин Китайы адæмон республикæйы сæрдар Си Цзиньпинæн.
Уæрæсейаг лидер банысан кодта, ныры уæззау уавæрты тынг ахсджиаг у æнгом æддагполитикон координаци, æмæ афтæ æххæст кæнынц сæ æмгуыстад УФ æмæ Китай дæр.
Владимир Путин раарфæ кодта йæ китайаг коллегæйæн Китайы адæмон республикæйы сæвзæрды 74-æм афæдзы боны цытæн.
Валадимир Путин æмæ Си Цзиньпины фембæлд