Джеры дзуарӕн меценат балӕвар кодта моладзанты конд егъау уазныв

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik, Плиты Фатимӕ. Джеры дзуары кувӕндоны сӕвӕрдтой тулдзӕй конд егъау Сыгъдӕг Георгийы уазныв, кӕцы сцӕттӕ кодтой моладзандон "Оптина Пустынь"-ы, фехъусын кодта Sputnik Цхинвалы Фырсыгъдӕг Мад Майрӕмы кусӕг Тыджыты Алан.
"Ӕрдӕг азы бӕрц арӕзт цыд уазныв, куыстой йыл Калугӕйы областы уӕвӕг моладзандон "Оптина Пустынь"-ы моладзантӕ. Уазныв ӕвӕрд ӕрцыд кувӕндоны, йӕ цытӕн Алайнаг епархийы динамонджытӕ сарӕзтой хуыцаумӕ скуывд ", - бафтыдта уый.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, уазныв сцӕттӕ кодтой мӕскуыйаг меценаты хӕрдзтӕй, уый ма ноджы ацы егъау уазнывы ӕнгӕс саразын кӕндзӕн моладзандоны ноджы иу ахӕм, уый та уыдзӕн Мад Майрӕмы хуызистимӕ