Джиоты Æхсар фембæлд Уæрæсе æмæ Белорусийы Цæдисон паддзахады госссекретаримæ

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт - Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Джиоты Æхсар фембæлд Уæрæсе æмæ Белорусийы Цæдисон паддзахады госсекретарь Дмитрий Мезенцевимæ.
Фембæлд ацыд знон Мæскуыйы, хъусын кæны республикæйы Фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады (ФХМ) пресс-службæ.
Баныхасы рæстæджы дзырд цыд æмархайд æмæ æмгуыстады практикæйыл, сæйраджыдæр, культурæ, ахуырад, зонад æмæ спорты къабазы, кæцы реализаци кæны Цæдисон паддзахады Иудадзыг комитет.