"Æмбæлццæттæ"

Гафез. Æмбæлццæттæ. Роман. 44 сæр

Sputnik
Сауи куы фæдзæбæхдæр, уæд æм Сограт бацыд. Сауи йæ куы федта, уæд ноджы фенгæсдæр, æхсызгон ын уыдис, хицауады мннæвар æм абæрæг кæнынмæ кæй фæзынд, уый. Рагæй зоны Сограты. Дзæбæх, æмбаргæ, хиуылхæцгæ адæймаг у. Алыхуызон фыдракæндтæ æвзары, фæлæ йæм нырма районы кусджыты зæрдæ ницæмæ фехсайдта.
Æцæг дзы Сауи йæхæдæг уый бæрц райгонд нæу. Хъазбеджы тыххæй йæм хъаст балæвæрдта, фæлæ, уый куыд фæндыд, афтæ нæ бафхæрдта Бæппийы. Æниу уый æндæр фарст у. Ныр хъуыддаг бынтон бæрæг у, æвзæрын дæр дзы ницы хъæуы. Ныр æй ныфс бацыд, иугæр ын йæ хъуыддаг Сограт æвзары, уæд алцы дæр йæ бынаты æрбаддзæн.
Дарддæр Гафезы аудиочиныг "Æмбæлццæттæ"-мæ хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.