Цæгат Ир æмæ Дагестаны командæтæ стох кæндзысты тыхджындæр хъæбысхæсты скъолайы номыл

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 19 окт – Sputnik. Цæгат Ирыстон æмæ Дагестаны командæтæ фембæлдзысты Поддубныйы номыл Хъæбысхæсты Лигæйы æхсæзæм турниры фæлгæтты, кæцы цæудзæн 31 октябрæй 3 ноябры онг Мæскуыйы.
Ирон æмæ дагестайнаг хъæбысæйхæцджыты æхсæн фембæлд иууыл тыхджындæр хъæбысхæсты скъолайы номыл конд уыдзæн 10 тохæй алгъуызон уæзы категориты. Цæгат Ирыстоны командæйы сконды архайдзысты Уæрæсейы чемпионтæ Уалыты Чермен (70 кг) æмæ Байты Давид (74 кг), афтæ ма Хуыбылты Ален (125), Гобаты Алан æмæ Къизинты Дзамболат (65 кг).
Поддубныйы номыл Хъæбысхæсты Лигæ у профессионалон хъæбысхæсты лигæ, кæцы æрбахоны дунейы иууыл хуыздæр спортсменты.