Турчы цæрæг ирæттæн райдайдзысты амонын ирон национ хæринæгтæ аразын сæ фæсивæдæн, уый тыххæй Sputnik радзырдта Турчы ирон диаспорæйы сæргълæууæг Хъусаты Садретин.
"Иу проект нын ис нæхи æхсæнады. Ирон хæринæгты академи нæхи æхсæнады саразинаг стæм. Нæ фæсивæдæн уæливыхтæ, чъиритæ, фыдджынтæ скæнын бацамондзыстæм. Иуæй-иу хæринæгтæн сæ ном зонæм, фæлæ сæ хæдзæртты нал цæттæ кæнынц. Уыцы хæринæгтæ: кас, сир, дзыкка. Уыдон аразын дæр сæ сахуыр кæндзыстæм æмæ сын сертификаттæ ратдзыстæм", - радзырдта ныхасæмбал.
Пандемийы размæ Турчы цæрæг ирæттæ æрфидар кодтой ирон национ хæзна парахат кæнын æмæ фидар кæныны фæдыл мадзал. Ныр ацы аз Ирон культурæйы бæрæгбоны фæлгæтты ауагътой культурон-массон мадзал. Уыцы мадзалы фæлгæтты ауагъдæуыд ансамбль "Барс"-ы ралæуд, афтæ ма Ирыстоны раздæры æмæ ныры дуджы ист къамтæ дæр.
Бæстондæрæй хъусут Sputnik Хуссар Ирыстоны.