Хуссар Иры сарӕзтой туризмы райрӕзты фӕдыл Агентад

Sputnik
ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕзынд туризмы райрӕзты фӕдыл Агентад. Ног уагдоны сӕргълӕууӕг нырма бӕрӕггонд нӕу.
Раздӕр, 29 майы, Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан йӕ ныстуаны адӕм ӕмӕ парламентмӕ схуыдта туризм экономикон архайды иууыл перспективондӕр къабазтӕй иу ӕмӕ банысан кодта, республикӕйӕн кӕй ис стыр потенциал, фӕлӕ хорз фӕстиуджытӕ та нӕй. Президент бахӕс кодта экономикӕйы министрадӕн бакусын хъӕппӕрисыл туризмы райрӕзты фӕдыл Агентады арӕзтады тыххӕй.
"Арӕзт ӕрцыд туризмы райрӕзты фӕдыл Агентад Республикӕ Хусссар Ирыстоны хӕдбар комитеты бартимӕ", - фехъусын кодтой паддзахады сӕргълӕууӕджы администрацийы.
Афтӕ ма Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Алан къуырисӕры бахаста ивындзинӕдтӕ ӕххӕстгӕнӕн органты структурӕмӕ ӕмӕ сарӕзта кадрон ивындзинӕдтӕ.