ЦХИНВАЛ, 23 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны Гарзджын Тыхтæ æнæнхъæлæджы фæлтæрдты фæлгæтты æфсæддон фæткдаруаты органтæ æмæ дæлхайадты ралæууын кодтой фæдисон ахуырты сигналмæ, хъусын кæны къуырисæры Хъахъхъæнынады министрады пресс-службæ.
"Бакуыстгонд æрцыдысты фехъусын кæнын æмæ æрвылон дислокацимæ сæрмагонд арæзт æрæмбырд кæнын, штатон хæцæнгарзы ралæвæрд, æфсæддон гæрзтæ æмæ техникæ бацæттæ кæнын тыгуыр кæныны бынæттæм марш сæххæст кæныны тыххæй, хæслæвæрдтæ сæвæрын æмæ æнд.. Уæлдай хъусдард здæхт æрцыд æмгъуыды нормативтæм гæсгæ сæрмагонд арæзтæй хæслæвæрдтæ дырысæй æххæст кæнынад", - дзырдæуы хъусинаджы.
Банысангонд æрцыд, æфсæдты хæцынмæ цæттæдзинады фæлварæн æрцыд Хуссар Ирыстоны хъахъхъæнынады министр Марат Павловы барамындæй, РХИ ÆТ Генштабы сæргълæууæг Болататы Аланы къухдариуæгадæй.