ЦХИНВАЛ, 24 окт – Sputnik. Хуссар Ирыстоны премьер Джуссойты Константин дыццæджы бавдыста республикæйы Финансты министрады коллективæн ног сæргълæууæджы – Тадтаты Дзамболаты, уый раздæр куыста вице-премьеры бынаты – экономикæйы райрæзты министрæй.
Тадтаты Дзамболаты сæвæрдтой вице-премьерæй къуырисæры Хуссар Ирыстоны президент Гаглойты Аланы барамындæй. Уый размæ уыцы бынаты 2023 азы апрелы мæйæ куыста Цæрыкъаты Хъазбег.
"Нæ уавæр нæ бадомдта æмæ уый тыххæй цæуынц кадрон ивындзинæдтæ. Ныфс нæ ис, финансты министрады коллектив ног сæргълæууæгимæ кæй бамбардзысты кæрæдзи æмæ нæ уавæр фæхуыздæр уыдзæн", - банысан кодта Джусойты Константин.
Президент Гаглойты Алан къуырисæры бахаста ивындзинæдтæ республикæйы æххæстгæнæн органты структурæмæ æмæ сæххæст кодта кадрон ивындзинæдтæ.